Вход на сайт

Просмотр новости

Найдите то, что Вас интересует

Хъамболты Марат радзырдта Владимир Путинимӕ фембӕлды хатдзӕгты тыххӕй

Дата публикации: 23-07-2026 11:21:12

Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат фембӕлд республикӕйы парламенты депутаттимӕ ӕмӕ сын радзырдта Мӕскуымӕ йӕ кусӕгон балцы хатдзӕгты тыххӕй.

Основное содержимое страницы с новостью.

https://sputnik-ossetia.com/20260723/khambolty-marat-radzyrdta-vladimir-putinima-fembaldy-khatdzagty-tykhkhay-40209577.html

Хъамболты Марат радзырдта Владимир Путинимӕ фембӕлды хатдзӕгты тыххӕй

Хъамболты Марат радзырдта Владимир Путинимӕ фембӕлды хатдзӕгты тыххӕй

Sputnik Хуссар Ирыстон

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат фембӕлд республикӕйы парламенты депутаттимӕ ӕмӕ сын радзырдта Мӕскуымӕ... 23.07.2026 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон

2026-07-23T14:21+0300

2026-07-23T14:21+0300

2026-07-23T14:21+0300

хуссар ирыстоны

ног хабӕрттӕ

президент

парламент

https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/07/17/40208706_0:9:1280:729_1920x0_80_0_0_d0a083a795c49917eadc04d86c78f0ad.jpg

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат фембӕлд республикӕйы парламенты депутаттимӕ ӕмӕ сын радзырдта Мӕскуымӕ йӕ кусӕгон балцы хатдзӕгты тыххӕй.Хъамболты Мараты ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы делегаци ауагъта къорд ахсджиаг баныхасы алыгъуызон фӕзуӕттыл.Хъамболты Марат уӕлдай хъусдард аздӕхта Уӕрӕсейы президент Владимир Путинимӕ фембӕлдмӕ.Республикӕйы сӕргълӕууӕг радзырдта, сӕйраг темӕтӕй иу кӕй уыд республикӕйы финанскӕнынад. Хъамболты Марат куыд радзырдта, афтӕмӕй лӕмбынӕг анализы фӕстӕ рабӕрӕг, республикӕ кӕй нӕ райста егъау финансон фӕрӕзтӕ – ӕрдӕг миллиард сомӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ цӕуы куыст ацы фарст аскъуыддзаг кӕныны фӕдыл.Уымӕй дарддӕр Владимир Путин хорзыл банымадта Хуссар Ирыстоны къорд хъӕппӕрисы, сӕ нымӕцы фӕндагон инфраструктурӕйы райрӕзт ӕмӕ нырыккон фӕсивӕдон тыгъдады арӕзтад.Хъамболты Марат ма бахаста ахӕм хъӕппӕрис, цӕмӕй республикӕйы фӕдыл сфидар кӕной Уӕрӕсейы цалдӕр субъекты ӕмӕ уыдон ӕвдисой сӕ къухдариуӕгады фӕлтӕрддзинад ӕмӕ инфраструктурон проектты реализаци.Фембӕлды рӕстӕджы ма дзырд цыд Хуссар Ирыстоны газификацийыл дӕр. Хъамболты Марат бахахх кодта, зӕгъгӕ, проекты дарддӕры рӕзтӕн республикӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕна йӕхимӕ цы хӕстӕ райста, уыдон.Депутаттимӕ фембӕлды кӕрон республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕрсидт парламентмӕ ӕмӕ хицауадмӕ, цӕмӕй иумӕйаг куыст кӕной адӕмы хӕрзӕбонӕн.

Sputnik Хуссар Ирыстон

media@sputniknews.com

+74956456601

MIA „Rossiya Segodnya“

2026

Sputnik Хуссар Ирыстон

media@sputniknews.com

+74956456601

MIA „Rossiya Segodnya“

ног хабӕрттӕ

os_OS

Sputnik Хуссар Ирыстон

media@sputniknews.com

+74956456601

MIA „Rossiya Segodnya“

https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07ea/07/17/40208706_90:0:1229:854_1920x0_80_0_0_4a03dd69d101c6b62fda8658b57ec2d9.jpg

Sputnik Хуссар Ирыстон

media@sputniknews.com

+74956456601

MIA „Rossiya Segodnya“

хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, парламент

хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, парламент

Хъамболты Марат радзырдта Владимир Путинимӕ фембӕлды хатдзӕгты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хъамболты Марат фембӕлд республикӕйы парламенты депутаттимӕ ӕмӕ сын радзырдта Мӕскуымӕ йӕ кусӕгон балцы хатдзӕгты тыххӕй.

Хъамболты Мараты ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы делегаци ауагъта къорд ахсджиаг баныхасы алыгъуызон фӕзуӕттыл.

"Республикӕйы ис бирӕ проблемон фарстытӕ. Уыдон лыг ӕрцӕудзысты ӕрмӕстдӕр ӕрвылбонон куысты руаджы. Махӕн нал ис бар дзӕгъӕлы сафын рӕстӕг", - бахахх кодта президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Хъамболты Марат уӕлдай хъусдард аздӕхта Уӕрӕсейы президент Владимир Путинимӕ фембӕлдмӕ.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг радзырдта, сӕйраг темӕтӕй иу кӕй уыд республикӕйы финанскӕнынад. Хъамболты Марат куыд радзырдта, афтӕмӕй лӕмбынӕг анализы фӕстӕ рабӕрӕг, республикӕ кӕй нӕ райста егъау финансон фӕрӕзтӕ – ӕрдӕг миллиард сомӕй фылдӕр. Ныртӕккӕ цӕуы куыст ацы фарст аскъуыддзаг кӕныны фӕдыл.

Уымӕй дарддӕр Владимир Путин хорзыл банымадта Хуссар Ирыстоны къорд хъӕппӕрисы, сӕ нымӕцы фӕндагон инфраструктурӕйы райрӕзт ӕмӕ нырыккон фӕсивӕдон тыгъдады арӕзтад.

Хъамболты Марат ма бахаста ахӕм хъӕппӕрис, цӕмӕй республикӕйы фӕдыл сфидар кӕной Уӕрӕсейы цалдӕр субъекты ӕмӕ уыдон ӕвдисой сӕ къухдариуӕгады фӕлтӕрддзинад ӕмӕ инфраструктурон проектты реализаци.

Фембӕлды рӕстӕджы ма дзырд цыд Хуссар Ирыстоны газификацийыл дӕр. Хъамболты Марат бахахх кодта, зӕгъгӕ, проекты дарддӕры рӕзтӕн республикӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕна йӕхимӕ цы хӕстӕ райста, уыдон.

Депутаттимӕ фембӕлды кӕрон республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕрсидт парламентмӕ ӕмӕ хицауадмӕ, цӕмӕй иумӕйаг куыст кӕной адӕмы хӕрзӕбонӕн.

Схожие новости

#Наименование новостиТональностьИнформативностьДата публикации
1Хуссар Ир æмæ Уæрæсе бадзырдтой энергетикон инфраструктурæ ранæуæг кæныныл06.1423-07-2026
2Хъамболты Марат фембӕлд Хуссар Иры фермертимӕ06.2307-08-2026
3Хъамболты Марат фембӕлд Уӕрӕсейы хицауады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Александр Новакимӕ03.7111-08-2026
4Хъамболты Марат раарфӕ кодта ДИФ кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл05.8523-07-2026
5Хъамболты Марат фембæлд Санкт-Петербурджы политехникон университеты ректоримæ013.7831-07-2026
6Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы æхсæн арæныл бакодтой сцалцæггонд уадзæн пункт09.2204-08-2026
7Хъамболты Марат инспекцион балцы бацыд консервон заводмæ Присы хъæуы03.9128-07-2026
8Мæскуы ратдзæн Хуссар Ирæн сæрмагонд техникæ08.8212-08-2026
9Хуссар Ир ӕмӕ Санкт-Петербург бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд014.431-07-2026
10"Парти Райрӕзт" раразмӕ кодта йӕ кандидаты президенты ӕвзӕрстытӕм04.2329-07-2026

Классификация: . Схожих патентов: 0. Схожих новостей: 10. Тональность: 0. Информативность: 6.75. Источник: sputnik-ossetia.com.